Бедойты Владимир хорзæхгонд æрцыд Жуковы номыл майданæй
Хуссар æфсæддон зылды цыппæрæм гвардион базæйы ротæйы старшина Бедойты Владимир хорзæхгонд æрцыд Жуковы номыл майданæй. Сармадзанты бын сæ цардæн тæссаг уæвгæйæ къорд бацыд знаджы фæсчъылдыммæ. Ныхмæлæууæг æвваст ныббырстæн æнхъæл нæ уыд æмæ уæрæсейаг размæбырсæг дæлхайæдтæ æдзæттæ тыхты ныппырх кодтой. Æфсæддон иугондтæ лыгъдысты, сæ техникæ ныууадзгæйæ. Бедойы-фырты раст архайды фæрцы ротæ иунæг æфсæддоны дæр нæ фесæфта. Бедойты Владимир райгуырд Елхоты. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Уæрæсейы Жуковы майдан саккаг кæнынц æфсæддон хæс æххæст кæнгæйæ лæгдзинад æмæ удуæлдайдзинады тыххæй.